«The Wall Street Journal» - АИШ Израилмæ 2000 æфсæддоны арвитын план кæны
Аиш 2000-ы онг æфсæддоны арвитын хъавы Израилмæ, – уый фæдыл информаци «The Wall Street Journal» анонимон ратæдзæныл æнцойæ хъусын кæны.
Анонимон ратæдзæн рауагъдадимæ ныхасы куыд хъусын кæны, афтæмæй æфсæддæн бахæс кæндзысты ахæм мисситæ, цахæмдæр сты медицинон æххуыс, фæлæ уыдон хæстон процесстæм нæ баиу уыдзысты.