Террористон  къорд  «Джебхат ал_Нусрайы»  сæргълæууæгы,  Сирийы  фæцæф кодтой
Террористон къорд «Джебхат ал_Нусрайы» сæргълæууæгы, Сирийы фæцæф кодтой

Террористон  къорд  «Джебхат ал_Нусрайы»  сæргълæууæг, Абу  Мухамед  ал-Джуланийы  Сирийы  фæцæф кодтой.  Телекомпани  «Ал-Хадат»-ы  ((Al Hadath) информацийæ,  къаорды  камандыгæнæг  уæззау  цæфæй  Турчы  Хатайы   провинцийы иуæй-иу рынчындонмæ фæхæццæ кодтой.

Ахæлиугонд  хъусинагæй, 18 февралы  Сирийы  сахар  Идлибы  Ал-Джулани  террористон организацийы  быдырон  сæргълæуджыты  æмбырды  иста хайад, бæстыхайы  цур  дыууæ   автомобиль куы срæмыгъд.  Стынды æстиуæгæн  16 адæймаг фæмард  æмæ 30 та фæцæф сты.

«Джебхат ал-Нусра» æмæ  йæ  æмцæдисонтæ Идлибы  провинцийы  фылдæр хай  кантрол кæнынц.