Тенгиз Церцвадзейы рынчындонмæ аргъæвтой
Тенгиз Церцвадзейы рынчындонмæ аргъæвтой

Тенгиз Церцвадзейы рынчындонмæ аргъæвтой

Инфекцион паталоги æмæ СПИД-ы центры генералон сæрдар Тенгиз Церцвадзейы уавæр æхсæзæм бон фæфыддæр ис –уый фæдыл инфекцион паталоги æмæ СПИД-ы центры парахат кæнынц.

«Тенгиз Церцвадзейæн йæ тæвд 38 градусы онг у. Томографийæ сбæлвырд ис дыууæфарсон пневмония. Церцвадзе дывæр рискъ къордмæ хауы, у карджын æмæ рынчын у сериозон имунодефицитон низæй, йæ госпитализаци сыххæст ис. Уыд арæзт антивирусон препарат «Ремдисивир» дыууæ 100 миллиграмы бæрц. Уый рынчындоны адаргъ кæндзæн хос кæнын æмæ йæ хоскæныны тактикæ уыдзæн баст клиникон æмæ лабороторион уавæрмæ гæсгæ.

Тенгиз Церцвадзейы уды хаймæ та цы хауы, Ана Топуриамæ, йæ уавæр хорз у æмæ хæдзары адаргъ кæндзæн хос кæнын» -сидынц центры.