Темур Чъхъониа - премьеримæ фембæлдыл ныхас уый йас конструктивонæй ацыд, æмæ мæ цæрæн бонты фыццаг хатт ницы сдзырдтон, бынтон фæуыргъуыйау дæн
Бизнесмен Темур Чъхъониайы фидиуæнæй, зæгъгæ, премьер-министр Гиорги Гахариаимæ конструктиыон æмæ цымидисон фембæлд уыд.
«Ныхас уыд хæларон, дзæбæх, конструктивон. Тынг дзæбæх æмахаст уыд. Дис ма дæр кодтон, афтæ цымидисон рауад фембæлд. Бизнесы нысаниуæг бирæ стырдæр у æмæ æмахасты рæстæджы йæхимæ сæрмагондæй исы бирæ хæс, цæмæй ахъаз уа æмæ цырд темпæй рапарахат уа бизнес. Зæгъæн ис, мæ цæрæн бонты фыццаг хатт ницы сдзырдтон, уый йас конструктивонæй ацыд ныхас æмæ бынтон фæуыргъуыйау дæн», – загъта Чъхъониа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ премьеримæ фембæлдыл ныхас хуамæ уа паддзахадон нысаниуæгы фарстæтыл.
«Мæхи сæрмагонд хъуыддæгтæм мæхæдæг æркæсдзынæн. Хъуыды кæнын, цæмæй бизнес йæхи кой хъуамæ кæнæт йæхæдæг. Кæд ныхас кæнæм, уæд хъуамæ уа бадзырдтæ, иумæйагæй цы нæ бон у, афтæ фылдæр саразæм паддзахадæн, æндæра бизнесæн кæцы йæхимæ æркæсын хъом нæу, паддзахад ницæмæй схос кæндзæнис», – райхуъсын кодта темур Чъхъониа.