Телавы рынчындонæй Гомборыл аварийы фæстиуæгæнфæцæфуæвæг алы пациенты рафыстой
Телавы рефералон рынчындон, Гомборы æфцæгыл æрцæугæ аварийы фæстиуæгæн зианбаййафæг алы пациент ныууагъдта.
Уый фæдыл Фыццаг Къанаæн фехъусын кодтой æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы куысты хистæр, Майя Имерлишвили.
«Ацы рæстæгмæ, госпиталы аварийы фæстиуæгæн фæцæфуæвджытæ нæм нал ис. Дыууæ æрвыст æрцыдысты æмбæлон профилы клиникæмæ, иннæты та афыстам хæдзармæ» райхъусын кодта Майя Имерлишвили.
Афтæма, аварийы фæстиуæгæн фæцæфуæвæг æртæ æнахъомы арвыстой И. Цицишвилийы номыл сабион ног клиникæмæ, æртæ æнахъомы Иашвилийы клиникæмæ, æрмæст цыппар пациентæн та хос кæнынц Гъудушаурийы номыл клиникæйы.
Гомборыл 9 июны æрцæугæ аварийы фæстиуæгæн амард 4 адæймаг æмæ 21 та фæцæф. Фæмардуæвджыты нымæцы иу æнахъом ис.
Фæдæвзарæны фыццагон версийæ, Гомборы æфцæгыл маршрутон таксийы тæрæг, здахæнæн нал бахъом ис, фæндгæй ахызт æмæ адагмæ ахаудта. Микроавтобусы экскурсимæ цæуæг сывæллæттæ, педагогтæ æмæ ныйарджытиæ бадтысты.