Тейя Цъулукиани Малтахъваы   бæлæгътæрыны æмæ каноэйы базæйы  арæзтады бæрæгдзау уыд
Тейя Цъулукиани Малтахъваы бæлæгътæрыны æмæ каноэйы базæйы арæзтады бæрæгдзау уыд

Гуырдзыстоны культурæйы æмæ спорты министр Тейя Цъулукиани, Потийы, Малтахъвайы,бæлæгътæрыны æмæ каноэйы  базæйы  арæзтадон   куыстытæ  сбæрæг кодта.

Министрады  пресскуысты  информацийæ,   базæйы  арæзтад   министрады инициативæйæ  2023 азы райдыдта  æмæ активон режимы  цæуы.  Проект фæуын плангонд у 2024 азы сентябрмæ.

«Базæйыл  уыдзæн спортивон  инфраструктурæ, спортсменты цæрæнуаттæ æмæ администрацион тыгдадтæ. Проекты  бюджет у  6 628 698 лари.

Перспективон  фæсивæдæн, кæцыйæн æнæмæнгхъæугæ  у сæ кух саразын спортивон  базæйы   арæзтады фæуды  фæстæ  æхсæнадæмон   стандартты  æмбæлгæ  уавæрты уыдзæн фæлтæрæнты ауадзыны æмæ  ерысты  хайад райсыны фадат.  Уый фæстиуæгæн  бæлæгтæрыны æмæ каноэйы  Гуырдзыстоны  стыр  спортивон традицитæ  æмбæлгæйæ  сног уыдзысты.  Банысанкæнинаг у, цæмæй Малтахъвайы базæ доны спорты æндæр  хуызты  райтынгы  æмæ популяризацийæн уыдзæн ахъаззаг», –  банысангонд у  культурæ æмæ спорты министрады  информацийы.