Тея Цъулукиани медиацийы фæдыл законпроект цалдæр боны мидæг бавдисдзæн
Тея Цъулукиани медиацийы фæдыл законпроект цалдæр боны мидæг бавдисдзæн
Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани медиацийы фæдыл законпроект бавдисдзæн цалдæр боны фæстæ. Юстицийы министры бæлвырдмæ гæсгæ, документ цæттæ у æмæ уый нырма хицауад, уый фæстæ та законгæнæг орган бакæсдзæн.
Йæ бæлвырдмæ гæсгæ, ныхас цæуы сыхагон, куыстон æмæ æндæр хъастытыл, кæцытæ æнцон бакæсинаг сты тæрхондоны, фæлæ ацы процесс къуылымпы кæны. Ацы фарстаты бакасты фадат медиатортæн уыдзæн.
Юстицийы министр ног законпроект абон бизнесментæн бавдыста æмæ сбæлвырд кодта, цæмæй медиаци комерцион хъастытæм дæр уыдзæн къуххбаххæсинаг.