Тея Цъулукиани –гуырдзийаг фарс Страсбургы тæрхондоны бæлвырдгæнæн позицитæй у æвдыст
Тея Цъулукиани –гуырдзийаг фарс Страсбургы тæрхондоны бæлвырдгæнæн позицитæй у æвдыст
Уый фæдыл юстицийы министр Тея Цъулукиани расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Страсбургы тæрхондоны сом плангонд процессыл, тæрхонгæнджыты фарстатыл бæлвырдгæнæг дзуаппытæ уыдзæн лæвæрд.
«Махмæ ис нысаниуæгджын дзуринаг нæ æмбæстæгты æмæ Страсбургы тæрхондоны стыр палатайæн – гуырдзийаг фарс тæрхондоны бæлвырдгæнæн позицитæй у æвдыст . Сом мах иумæ байхъусдзыстæм Гуырдзыстоны позицимæ, уый фæстæ нæ делегаци фарста –дзуаппы сесийыл райсдзæн хайад, кæцыйыл тæрхонгæнджыты фарстатыл уыдзæн лæвæрд дзуаппытæ. Стыр ныфс дарын, цæмæй Страсбургы тæрхондон рахæсдзæн объективон æскъуыддзаг» – расидтис Цъулукиани.
Йæ бæлвырдмæ гæсгæ, рæстдзинад уый у æмæ Уæрæсе 2008 æм азы хæстон архайдтытæм, 2006-æм азæй цæттæ кодта.
Тея Цъулукианийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон документтæй бæлвырд кæны 10-æм августы йæхи æрдыгæй хæстон архайдтыты фæурæд.
Юстицийы министр афтæ дæр рахъæлæба ис оппозицийы расидæнты фæдыл , кæцытæм гæсгæ, хæсты райдайын гуырдзийаг фарсы æрдыгæй хицауады бæрнонты расидæнты ис æмæ тæрхондоны Уæрæсейы пайдайæн кусдзысты.