Тея  Цъулукиани – Анатоли Бибиловы  куырдиат у æмбæстæгтæн фæдзæхст, цæмæй сын ма уа  бастдзинад  Гуырдзыстоны контролгонд территорийыл   цæрæг сæ  хæстæджытимæ
Тея Цъулукиани – Анатоли Бибиловы куырдиат у æмбæстæгтæн фæдзæхст, цæмæй сын ма уа бастдзинад Гуырдзыстоны контролгонд территорийыл цæрæг сæ хæстæджытимæ

Бибылты  Анатолийы  куырдиат у  æмбæстæгты  фæдзæхст,  цæмæй  сын ма  уа   бастдзинад  Гуырдызстоны  кантролгонд территорийы цæрæг  сæ хæстæджытимæ, – уый  фæдыл  юстииййы министр  Тея Цъулукиани  райхъусын кодта  журналисттимæ ныхасы рæстæджы.

Тея Цъулукиани   оккупиргонд   «Хуссар Ирыстоны»  а.х. президент, Бибылты  Анатолийы  æркуырды,  Чорчанайы  хъæуы пъæлицæйон  блок-пост  сисыны тыххæй,  мæтæфтауæгæй   хоны.

«Цытджын  Бибиловы  ацы  куырдиат у  æнæ æрмæст æнæбæрнондзинад, фæлæ ма  практиконæй  зæгъæн ис,  цæмæй  у   адæймæгты  æмæ   цæрджыты  амынæты  скæныны  архайд.   Уыдонæн  уый фæтобæ кæнын, цæмæй  сын ма  уа хæстæгон  æмæ  æндæр сæрмагонд бастдзинад  сæ хæстæджытимæ, уый  у  иттæг мæтæфтауæг», -райхъусын кодта  Тея  Цъулукиани.

Оккупиргонд   «Хуссар Ирыстоны»  а.х.   президент  Бибылты Анатоли,  Чорчанайы  пъæлицæй  блок-пост  сисын æркуырдта бынæттон цæрджытимæ   фембæлды  рæстæджы.   Уый  загъта,  цæмæй  æндæр цауы  зæгъгæ, Ахалгоры цæрджытæн  нæ   уыдзæн бар   Гуырдзыстоны  контролгонд территоримæ рахизын.  Бибылты  Анатолийы  куырдаитæй,  зæгъгæ ацы  проблемæ  аскуыддзаг кæнын, цæрджытæ  Гуырдзыстоны  хицауадæй  хъуамæ  æрдомой.  Йæ куырдиаты  дзуаппæн  цæрджыты  иу  хай   фембæлдæй  фестадысты  æмæ  протесты  нысанæй  рацыдысты. Культурæйы  хæдзары  ацæугæ  фембæлдыл, цалдæр  бынæттон  загътой, цæмæй сæ  хæстæджы  Тбилисы  цæрынц æмæ  зæгъгæ,  кæд  сæ  фенынмæ рацæуынæн   сæ  бахъæудзæн «Хуссар Ирыстоны»   æмбæстагадыл  нæзагъд ракæнын,  уæд цæттæ сты  паспорттæ  фæстæмæ  раттой.   Уый  дзуаппæн та  оккупацигонд «Хуссар Ирыстоны»  де-факто президент загъта, цæмæй    «уый зæгъгæ  уæ  хъуыддаг у».