Тея Цъулукиани АИШ-ы генералон прокурорыл фембæлд.
АИШ-ы официалон визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны юстицийы министр АИШ-ы генералон прокурор Уилиам Барыл фембæлд. Фембæлдыл юстицийы министры хæдивæг, специалон пенитенциарон куысты къухдариуæг Гиоргий Патаридзе æмæ АИШ-ы Гуырдзыстоны минæвар Давид Бакрадзе истой хайад.
Юстицийы министрады инофрмацимæ гæсгæ, Тея Цъулукъиани фембæлдыл банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны юстицийы министры визит АИШ-мæ тынг нысаниуæгджын у АИШ-ы юстицийы департаменты æмæ Гуырдзыстоны юстицийы министрады æхсæн æмкуыстдзинады æмæ стратегион æмахастыты къуымæй. Юстицийы министр бузныг расидтис АИШ-ы юстицийы департаментæн Гуырдзыстоны бинонты æхсæн тыхмийы ныхмæ тохы фарсылхæцындзинадæн.
Тея Цъулукъиани бахахх кодта АИШ-ы фарсылхæцындзинад æмæ пробацийы системайы æмæ америкаг фарсы информаци алæвæрдта ацы рæстæгмæ цæугæ реформæты фæдыл.