Тедеты Дзамболат социалон хызагы ахæлиугонд къамы тыххæй - ницы политикæ, уым уыдис æрмæстдæр æфсымæрдзинад
Тедеты  Дзамболат  социалон хызагы  ахæлиугонд къамы тыххæй -  ницы политикæ, уым уыдис æрмæстдæр æфсымæрдзинад

Сæрибар стилæй хъæбысæй хæсты  Уæрæсейы  æмбырдгонды  сæйраг  тренер,  Цæгат  Ирыстоны  парламенты уæнг  Тедеты  Дзамболат,   гуырдзиаг спортсментимæ иумæ  ист къамы тыххæй  Фыццаг Къаналимæ  комментари  сарызта.

«Ацы  ситуаци у  хуымæтæг.  Гуырдзиаг   лæппутимæ,  хъæбысæйхæцджытимæ  кæддæриддæр тынг хæстæг  хæлæрттæ  стæм  æмæ  афтæ уыдзæн  æнустæм.  Нæ нæ  фæнды  цæмæй  нæ сыгъдæг  ахастытæ,  политикæйæ  фæмаргджын уой.   Уым политикъæйы  кой дæр нæ  уыдис,  уыдис æрмæстдæр æфсымæрдзинад.  Ницы  политикъæ нæ   бахъыгдардзæн, цæмæй  хæлæрттæ уæм,  уа нын ахастытæ  æмæ ахастытæ  цæтсгагуыйау хъахъхъæнæм.  Цæй ма   æгъгъæд нæ у  æнæ уый дæр уæвæг  негатив?»  –  райхъусын кодта  Тедеты Дзамболат  Фыццаг Къаналæн.

Социалон хызагы  ахæлиу ис  фото,   кæцыйыл зыны, цæмæй   Гуырдзыстоны æмбырдгонд  хъæбысæй хæцджытæ  æмæ  сæйраг тренер,  Уæрæсейы  тырысайы  хуызтæй  хæдæтты кондæй, Тедеты Дзамболатимæ  иумæ лæууынц.  Гуырдзыстоны  хъæбысæй хæсты федерацийы  сæйраг тренер, Гиорги  Иантбелидзе, Фыццаг Къаналимæ  ныхасы рæстæджы сбæлвырд кодта, цæмæй  къамыл æцæгдæр  йæхæдæг  лæууы   хъæбысæй хæцджытимæ  иумæ.  Иантбелидзе  дзуры цæмæй  Тедеты Дзамболат Гуырдзыстоны райгуырд,  сæ хæлар у  æмæ  растдæр  йæ фарсхæцынæн  скодтой  фæнысангонд хæдæттæ сæхиуыл.