Тбилисы зоналон -сахатон паркингы уаг фыццæгæм июлæй скусдзæн
Уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе муниципалитеты абоны рабадтыл раисдтис.
Мэр банысан кодта, цæмæй ног уагæвæрд Тбилисы Сакребулойы бакастæн æмæ сбæлвырдæн тагъд рæстæджы уыдзæн æрвыст, фыццаг зона та, кæцыйы зоналон-сахатон паркингы уаг скусдзæн уыдзæн Котэ Абхазийы уынг (Леселидзе).
Йæ ныхасм æгæсгæ, горæты траспортон фадаттæй рацæугæ уæлдæфы счъизийы æвдисæг критикон арæнмæ баххæсыд, уымæн æмæ Тбилисы 500 000 йæ фылдæр автотранспорт змæлы.
Каха Къадзейы расидæнмæ гæсгæ, муниципалитеты мэрийы транспортон политикæ горæты къаддæр автомобилы æмæ фылдæр æхсæнадон транспортты нысанæй, кæцы комфортон æмæ оперативон уыдзæн.
Йæ расидæнмæ гæсгæ, сахатон паркингы аргъы бафысты фадат уыдзæн лæвæрд куыд мобилон, афтæ дæр уынгты монтажгонд апликациты фæрцы. Æфтиаг та Тбилисы транспортон компанимæ бацæудзæн æмæ æхсæнадон траспорты размæцыдыл бахардз уыдзæн.