Тбилисы зæлдаг фæндагы форумы дунейы 34 бæстæйы бæрзонд гæс райсдзæн хайад
Тбилисы зæлдаг фæндагы форумы дунейы 34 бæстæйы бæрзонд гæс райсдзæн хайад

Тбилисы зæлдаг фæндагы форумы дунейы 34 бæстæйы бæрзонд гæс райсдзæн хайад .28-29-æм ноябры, «Тбилисы зæлдаг фæндагы» форумы хайадрайсынмæ, Гуырдзыстоны сæйраг сахармæ 34 бæстæйы бæрзонд гæс æрцæудзæн, се æхсæн Молдовайы премьер-министр Павел Филипп æмæ Словенийы вице-премьер Карл Ериавец. Форумы, хайадисæг 1000 фылдæр делегатты æхсæн, афтæ дæр 20 министр уыдзæн, дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй. Гуырдзыстоны экономикайы министры хæдивæг, Геннадий Арвеладзейы  расидæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон сиис æппæтдунеон диалогы платформæ, кæцыйыл ис лæвæрд фадат ныхас кæнын уыцы бастдзинæдтыл, кæцытæ бæстæтæ хъуамæ саразой, базарады фестыр, инвестициты  æмæ инфраструктурайы размæцыдæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады фидæн æртæ азы дæргъы, 4 миллиард доллары онг инвестици реализаци сыххæст кодта, бæстæйы стыр инфраструктурон проекттыл. Гуыврдзыстоны экономикайы министрад расидтис интересты бавдысты дыууæ логистикон центры сарæзт, кæцы тынг нысаниуæгджын у, бæстæйы транзитон потенциалы фæбæрзондæн æмæ зæлдаг фæндагы форумы Гуырдзыстоны ролы фебæрзондæн.  «Форумыл, уыдзæн лæвæрд хицæн панель Анаклийы порты проектæн, кæцы афтæ дæр нысаниуæгджын  у Европа- Азийы коридорæн» – расидтис Арвеладзе. Тбилисы зæлдаг фæндагы форумæн бындур 2015-æм азы уыд вæрд –уым хайад райстой 34 бæстæйы официалон уæнгтæ æмæ 50 бæстæйы бизнес секторы бæрнонтæ.