Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариайы патронажæй, «Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы форум» 22-23 октябры ацæудзæн.
Экономикæйы министрады хъусинагæй, форум у бæрзонд æмвæзады диалог хицауадты æмæ бизнесты æхсæн. Афтæдæр у сеппæтæй хуыздæр платформа, паддзахады, организациты æмæ бизнесы минæвæртты æхсæн, дыууæфарсон æмæ бирæ фарсон фембæлдтæн.
Форумæн йæ нысан у, сæвзæрын кæна æмæ æрфидар кæна дискуссион платформæ, кæцыйыл Зæлдаг Фæндаджы инициативæйы бæстæты, æхсæнадæмон организациты æмæ хицæн секторы минæвæрттæ æркæсдзысты æмкуысткæнынад фæарфдæры перспективæтæ æмæ цæдистæ æхсæнадæмон æмæ регионон базарады сферæйы.
«Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы форум» Азий æмæ Европæйы æхсæн, политикъон, экономиклон æмæ культурон цæдистæ фæарфдæр кæныны иуæй-иу хуыздæр фадат у.
«Тбилисы Зæлдар Фæндаджы Форумы» 60-йæ фылдæр бæстæйы 2000-æй фылдæр делегат, сæ нымæцы 30-æй фылдæр официалон делегацийы æмæ 400-ы онг фæсарæйнаг хицæн секторы минæвар райсдзæн хайад.