Тбилисы уагъд цæуы Цыппурсон Алило. Цыппурсы бæрæгбонмæ гæсгæ цыд райдыдта «Уардиты Фæзæй».
Театрализгонд цыды хайадисджытæ ауайдзысты Руставелийы проспектыл, Сæрибары фæзы æмæ Бараташвилийы уынгтыл. Патриархийы информацийæ, Алилойы хайадисджытæн, Руставелийы проеспектыл парламенты бæстыхайы цур, сæ размæ рацæудзысты парламенты сæрдар æмæ депутаттæ. Афтæдæр цыды хайадисджытæн лæвæрттæ адæтдзысты сæйраг сахары мер æмæ сакребулойы сæрадр. Адджинæгтæ сын фæндаг-фæндаг дæтдзысты хуымæтæг цæрджытæ дæр.
Алилойы цыды хайадисджыты хай, араст уыдзæн Патриархийы æрдæм æмæ Цыппурсы æрттивгæ бæрæгбон раарфæ кæндзысты Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагæн. Алилойы хайадисджытæ уый фæстæ ацæудзысты президенты администрацимæ, кæцы ран сын сфысым кæндзæн Гиорги Маргвелашвили.
Патриархийы Фыццаг Каналæн фехъусын кодтой, цæмæй Алилойыл цы адджинаг æмæ лæвæрттæ æрымбырд кæндзысты, уыдон 8 январы равзардзысты æмæ сæ байуардзысты сывæллæтты хæдзæрттæн, асджынты пансионаттæн æмæ æфхæрдæххæстгæнæн уагдæттæн.
Алилойы традици Гуырдзыстоны йæ радиан исы V-VI æнустæй, æмæ йæ банысан кæнын фæстаг цалдæр аз у цы сног ис.