Тбилисы туристон зоняты абонæй патрулон полицийы фистæг дæлхайады экипажтæ райдайдзысты патрул кæнын.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ инициативæ баст у визиторты нымæцы рæзтимæ. А. х. туристон патрулы нымæц этапгай фæфылдæр уыдзæн æмæ скомплек5т уыдзæн 60 экипажæй.
Парламентон фылдæрты уæнгтæ, хъомысджын уагдоны инициативæйæн позхитивон аргъ дæттынц.
Гиорги Гахариа ног иницитивæйы фæдыл райхъусын кодта ивгъуыд къуырийы, парламенты пленарон рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы. Мидхъуыддæгты министры æмбарынгæнæнтæм гæсгæ, а.х. туристон патруль уыдзæн тынг эффективон. Йæ ныхæстæм гæсгæ патруль бахъахъъхæндзæн æхсæнадон уагæвæрд æмæ баххуыс кæндзæн туристтæн.