Тбилисы Стыр Синагога – «Прайды» организатортæ цы план кæнынц уый нæ моралимæ иумæнæбадгæ у
Прайдæй цы хонынц уый органитортæ цы план кæнынц уый нæбадгæ у нæ моралимæ æмæ йæ ныхмæ цæуы æмцардæй фидар аргъдзинæдтæн, æнæгъдаудзинад хæрзуагæй не схондзыстæм æмæ нæдæр уый архайдимæ бафидаудзыстæм – уый фæдыл фидиуæн Тбилисы Стыр Синагогæ, фейбук-фарсыл публикаци кæны.
Фидиуæны мидæг банысангонд у, цæмæй «Гуырдзыстоны ЛГБТ адæймæгты никуы сырдтой сæ цардуагы тыххæй æмæ ахæм «прайдттæн» сæ нысан, ЛГБТ адæймæгты барты хъахъхъæд нæ фæлæ финансон пайда ссарын у.
«Курæг стæм хицауадæй ма бауадза а.х. «Прайды» ауадзын. Сидæм æхсæнадæмон организацитæм æмæ дипломативон корпусы минæвæрттæм, ацы мадзæлттæн фарсхæцынæй Гуырдзыстоны цæрджыты фыдæнхъæл ма фæкæнут æмæ сын уыцы стыр ныфсытæ ма фæмæнг кæнут, Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг ориентациимæ у баст»- банысангонд у фидиуæны, кæцыйы хæлиу кæны Тбилисы Стыр Синагога.