Тбилисы Сакребулойы бæстыхайы, лыгъдонты форум сырæзт
Тбилисы Сакребулойы бæстыхайы, лыгъдонты форум сырæзт

Тбилисы Сакребулойы бæстыхайы, лыгъдонты форум сырæзт. Мадзал организацигонд уыд  Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министрад æмæ Гуырдзыстоны ИНО-йы лыгъдонты уææллаг комисары бæрнонады, Тбилисы Сакребулойы фарсылхæцындзинадæй.

Форум байгом ис Гуырдзыстоны æддаг хъуыддæгты министры хæдивæг Лаша Дарсалия, ИНО-йы уæллаг комисары хæдивæг Джилиан Тригс æмæ Гуырдзыстоны UNHCR-бæрноны ныхасæй.

Æддаг хъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, Лаша Дарсалия фæныхас кодта глобалон тыххæй цæрæн бынатæй ацыды рæзгæ проблемайыл æмæ æрбиноныгæн æппæтдунеон æрдхорады архайдтыты æнæманæгдзинадыл.