Тбилисы Сакребулойæн ис ног уæнг. Нино Рухадзе Давит Уджмаджуридзейы бынат бацахсдзæн, кæцы цалдæр мæйы размæ æрбамард.
Фæнысангонд фарстайæн сакребулойы абоны рабадтыл рахæцыдысты йæ фарс.
Сакребулойы фылдæртæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, Рухадзе æхсæнадон реестры кусы æмæ баст у педагогион куысты.
Афтæдæр сæ информацийæ, уый у барады доктор æмæ хорз фæлтæрд у экономикон фарстаты.
Давит Уджмаджуридзе сакребулойы уæнгæй дарддæр ма уыдис сакребулойы сæрдар дæр, фæнысангонд пост ацы рæстæгмæ вакантон у.