Тбилисы сæрдыгон сабидæттæм  регистраци райсомæй райдайдзæн
Тбилисы сæрдыгон сабидæттæм регистраци райсомæй райдайдзæн

Тбилисы  сæрдыгон сабидæттæм регистраци райсомæй райдайдзæн. Сæрдыгон сабидæттæм регистраци электрононæй ацæудзæн Тбилисы рæвдауæндæтты  фæткдæттæг агентады веб-фарсыл – kids.org.ge.

Агентады информацийæ, регистраци 5 майы  10:00  сахатыл  райдайдзæн æмæ аххæсдзæн  июны  кæронмæ.

Тбилисы мэр, Каха Каладзейы   фидиуæнæй,  ацы аз Тбилисы   сæрдыгон  рæвдауæндæтты  нымæц 45-æй 50-ы онг  райрæздзæн æмæ 18 000-ы онг  сывæллонæн балæггад кæндзæн.  Афтæма йæ  дзырдæй  сабидæттæм райсдзысты  Тбилисы  рæвдауæндæтты регистрацигонд  дыууæйæ æхсæз азы онг кары   сывæллæттæ, сæ нымæцы удон дæр, чидæриддæр сентябрæй  скъоламæ  цæудзысты.

Тбилисы мэры фидиуæнæй,   рæвдауæндæттæ  æвзæрст уыдысты географион принципæй, цæмæй фæнысангонд лæггад  Тбилисы алы  сыхы  цæрджытæн æмбæрцæй рæувадат уа. Сæрдыгон сабидæтты  ранымад рæувадат у  Тбилисы рæвдауæндæтты  фæткдæттæг агентады веб-фарсыл.