Тбилисы сæйраг ногбонон наз абон ссуддзæн
Тбилисы сæйраг ногбонон наз абон ссуддзæн

Тбилисы сæйраг ногбонон наз абон ссуддзæн

Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы раз, Тбилисы сæйраг ногбонон наз абон, 19:30 сахатыл æссуддзæн. Бæрæгбонон мадзалы хайад райсдзысты премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили æмæ Тбилисы мэр Каха Къаладзе.

Уыдзæн арæзт бæрæгбонон концерт, кæцыйы хайад Гуры сылгоймæгты камерон къорд райсдзæн.

Афтæ дæр скусдзæн къахдзоныгътыл цæуæн  фæзыуат, кæцыйыл шоу сырæздзæн.

Тбилисы мэрийы культурæйы горæтон куысты сæрдар София Хунцъария Тбилисы цæрджытæм æмæ сæйраг сахары уазджыты хоны абоны мадзалмæ æмæ афтæ дæр ногбоны снысанмæ.