Тбилисы сæйраг ног азы назы бæлас 15-æм декабры æсуддзæн – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы аз Тбилисы хъауджыгонд форматимæ сымбæлдзысты ног азыл. «Ацы аз сæйраг ногазон мадзалтæ сырздзысты Тбилисы æттаг районты. Нæ къорды æскъуыддзагæй, ногазон концерттæ сырæздзысты сæйраг сахары æртæ районы – Глданы, Самгоры æмæ зæронд Тбилисы. Афтæ дæр мæ фæнды зæгъон, цæмæй 24-æм декабрæй 7 æм январы нымадæй, æнæхъæн Тбилисы масштабæй ирхæфсæн мадзæлттæ адаргъ уыдзысты» -расидтис Каха Къаладзе. Къаладзейы расидæнмæ гæсгæ, ацы аз максималонæй бахъавдзысты ма уой æхгæд Тбилисы централон уынгтæ, цæмæй æмбæстæгтæн куа фадат сæрибарæй змæлой æнæхъæн бæрæгбонон бонты периоды.