Тбилисы райдайы  фысымуат «Хилтоны» арæзтад
Тбилисы райдайы фысымуат «Хилтоны» арæзтад

Тбилисы   Коставайы 59-æм  номыры,  бындур  æрывæрдтой  фондзстъалыджын фысымуат    «Хилтоны» арæзтадæн.

Фысымуат амад  æрцæудзæн  италиаг  архитекторы   Пиеро  Лисонийы   дизайнæй.

Фысымуат  «Хилтоны» арæзтад  2020  азы хъуамæ фæуа,   уый  нымад уыдзæн  200  номырыл, бынатыл сырæздзæн   æддæ  ресторан, бассейн, спа салон  æмæ  1000  кв/м   конференцион зал.

Арæзтады  æххæст кæны   компани  «Гранат Инвестмент», проекты  аргъ  у  45 милуан евро.   Фидæнмæ  фысымуаты  хъуамæ куса  300-йы онг   адæймаг.

Проекты презентацийыл уыдысты   Гуырдызстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили æмæ   сæйраг сахары мер  Каха  Каладзе.