Тбилисы рæзынады фонд ацы аз цалдæр проект сæххæст кæндзæн
Тбилисы рæзынады фонд ацы аз цалдæр проект сæххæст кæндзæн

Цæугæ азы   Тбилисы  райрæзты  фонд  цалдæр  нысаниуæгджын  проект сæххæст кæнын хъавы, кæцыты нымæцы,  Зæлдаджы   музейы   реабилитаци дæр ис. Куыстытæ   2  аз аххæсдзысты  æмæ сæ æмтгæйон  аргъ у,  зæгъæн ис,  3  милуан ларийы.

Сæйраг горæты  мэры   хæдивæг   Ираклий Бенделиани  2020-2012   азты  сæххæст кæнинаг  проектты    презентацийыл  куыд банысан кодта афтæмæй,   музейы  реабилитацийы  фæстæ  йын йæ  фыццагон   уавæр  йæхимæ ныууадзыдзысты.

Ацы  аз  афтæдæр   райдайдзæн  ноджы иу   историон  нысаниуæгджын  бæстыхайы   реабилитаци.  Уый  у  ахуыргæнинаг-фæсивæды  националон   галуан.  Проекты  аргъ  25  милуан лари уыдзæн.

2020 азы   реабилитаци   сырæздзæн   Табукашвилийы   уынгыл   уæвæг   историон  хæдзарæн, а.х.  кадетты   корпусæн.

Уымæй  дарддæр ма,    мэры хæдивæгы  дзырдæй, зæгъгæ Тбилисы  райрæзты  фонд адарддæр кæндзæн   проекттæ  уадзын, кæцы  сæйраг  горæты  иууон   туристон   маршруттæ сæвзæрын кæндзæн.   Адон сты  Дедаэнайы æмæ   9 марты   паркъты  реабилитаци, афтæдæр   Гудиашвилийы  уынджы æмæ   алфамбылай  территорийы  реабилитаци.