Тбилисы ныуазæн доны тариф 2021 азы фыццаг январæй фæзынаргъ уыдзæн
Гуырдзыстоны энергетикæйы регулиргæнæг националон комиссийы уынаффæйæ Тбилисы доны тариф фæзынаргъ уыдзæн. Уыцы абоненттæн, кæцытæн ис доныл нымайæгтæ иу кубон метр доныл фидинаг 17 тетрийæ, æрмæст уыдонæн та, кæцытæн нымайæгтæ нæй æмæ удгоймагмæ гæсгæ фидынц доныл тариф 63 тетрийæ фæзынаргъ уыдзæн.
Æнæцардуагон секторы та доны тариф 2 теттрийæ фæаслам уыдзæн.
Гуырдзыстоны энергетикæйы æмæ донæввонгы регулиргæнæг комиссийы уынаффæмæ гæсгæйæ, нымайæг кæмæн ис, уыцы цæрджытæн доны тариф иу кубометр- 0.50 лари уыдзæн, фиксиргонд фидтон чи фиды, уыдонæн та иу удгоймагыл фидинаг уыдзæн 4,518 лари.
Æнæцардуагон секторæн (организацитæ æмæ коммерцион сектор) иу кубон метр доныл фидинаг уыдзæн 6,503 лари.
Ног тарифтæ сæ тыхмæ бахиздзысты 2021 азы фыццаг январæй æмæ 2023 азы 31 декабр хынцæгæйæ уыдзысты æнæивгæ.