Тбилисы НАТО-Гуырдзыстоны адæмон дипломатийы форум байгом уыдзæн
Тбилисы НАТО-Гуырдзыстоны адæмон дипломатийы форум байгом уыдзæн

Тбилисы НАТО-Гуырдзыстоны адæмон дипломатийы форум байгом уыдзæн

Тбилисы, радонæй цыппæрæм НАТО-Гуырдзыстоны адæмон дипломатийы форум байгом уыдзæн. Дыууæбонон форум, кæцы абон байгом уыдзæн, адæмон дипломатийы æмæ комуникацийы платформæ дары йæ зæрдыл.

НАТО-Гуырдызстоны адæмон дипломатийы форумыл каст уыдзысты ахæм фарстатæ куыд – НАТО-Гуырдызстоны æмахастытæ æмæ æмкуыстдзинады механизмтæ, Сау Денджызы регионы æппæтдунеон æдасдзинады фæдыл гибридон расидæнтæ, пропагандæ æмæ тохы эффектон амæлттæ.

Мадзалы нысан у  адæмон дипломатийы экспертты хызы ауæрæх æмæ НАТО-йы уæнг партнер бæстæтимæ информацийы æмæ фæлтæрæны баивд.

Фысымуат «Редиссоны» НАТО-Гуырдызстоны адæмон дипломатийы форумы абон Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкалиани байгом кæндзæн.

Форумы афтæ дæр исынц хайад – хицауадон струкутраты, цæгат атлантикон альянсы, æппæтдуноен æмæ бынæттон организациты, иртастон æмæ аналитикон институтты бæрнонтæ, НАТО-йы уæнг æмæ партнер бæстæты эксперттæ.