Тбилисы мэры бынатмæ 9 кандидаты ис
Тбилисы мэры бынатмæ 9 кандидаты ис

Цыппæрæм октябры Тбилисы мэры æвзæрстытæм 9 кандидат срегистраци ис.
Сæрмагондæй, сæйраг сахары мэры бынатмæ кандидаттæ лæууынц:
Темур Бокелавадзе (Æвзæрстытæ номыр 1) – «Æвзаг, Фыдыбæстæ, Уырнындзинад»;
Зураб Махарадзе (Æвзæрстытæ номыр 3) – «Консерватортæ Гуырдзыстоны фарс»;
Каха Кукава (Æвзæрстыты номыр 7) ​​- «Сæрибар Гуырдзыстон»;
Отар Читанава (Æвзæрстыты номыр 8) – «Патриотты цæдис»;
Ираклий Купрадзе (Æвзæрстыты номыр 9) – «Тыхджын Гуырдзыстонæн – Лело»;
Гиоргий Лилуашвили (Æвзæрстыты номыр 11) – «Гуырдзыстон»;
Гиорги Гачечиладзе (Æвзæрстыты номыр 12) – «Цъæх парти»;
Иаго Хвичия (æвзæрстыты номыр 36) – «Гирчи»;
Каха Къаладзе (æвзæрстыты номыр 41) – «Гуырдзиаг бæллиц-демокративон Гуырдзыстон».
Цæмæй æвзæрстыты фæуæлахиз уа, уый тыххæй сæйраг сахары мэрмæ кандидатæн хъæуы 50 проценты æмвæзад ахизын. Науæд фыццаг æмæ дыккаг бынат бацахсджыты ‘хсæн хъуамæ уагъд æрцæуа дыккаг тур.
Тбилисы æвзæрстыты регистриргонд у 1 043 482 æвзарæг, байгом ис 582 æвзарæнон фадыджы.