Тбилисы мэрия райдыдта исын курдиæттæ студенттæн ахуыры фиддонтæ финансир кæнынæн
Тбилисы мэрия райдыдта исын курдиæттæ студенттæн ахуыры фиддонтæ финансир кæнынæн

Цыппæрæм сентябрæй 2024-2025 ахуыры азы фæззыгон семестрæн социалон æгъдауæй , бирæсывæллонджын бинонты уæнгтæн æмæ йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы ахуырдзаутæн ахуыры фиддонты финанскæныны фæдыл куырдиæттæ ист цæудзысты. Уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе Тбилисы муниципалитеты хицауады рабадтыл расидтис.
Каха Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, студентты финансирдзинады программæ алы аз дæр рæзы æмæ программæйы скусын кæнынæй фæстæмæ финансон æххуыс 20 000 студентæн лæвæрд æрцыд.
Программæйы фæлгæтты, Тбилисы муниципалитеты территорийыл регистрацигонд адæймæгтæ, кæцытæ бакалавриаты, магистратурæйы кæнæ докторы академион æмвæзадыл ахуыр кæнынц, активон студентон статус æмæ социалонæй æнæхъахъхъæд бинонты иунæг базæйы сты, кæнæ та стыр бинонтæ, кæнæ сын ис инвалиддзинады статус, финансгонд æрцæудзысты.
«Лæвæрд финанскæныны суммæ баст у ивгъуыд семестры ист предметтæй студенты райсгæ аргълæвæрдты астæуккаг арифметикон баллыл, кæцымæ гæсгæ студенттæн сæ бон у семестры мидæг 50, 70 кæнæ 100 процентон финансирдзинад райсын, кæцы у 1125 лари. Куырдиæтты ист цæудзæн 2024-æм азы 30-æм ноябры онг», – расидтис Тбилисы мэр.