Тбилисы мэрия, афтæ хуынæг «Хрущовкаты» баивды проекты реализаци райдыдта
Тбилисы мэрия, афтæ хуынæг «Хрущовкаты» баивды проекты реализаци райдыдта
Тбилисы мэр, Каха Къаладзе хицауады рабадтыл раисдтис, цæмæй мэрия райдыта куыст Варкетилийы æртыгкаг массивы уæвæг 30 205 квадратон метр зæххы хайыл цæрæн комплексы амады нысанæй.
«Фæнды мæ баххæсон иуæй иу нысаниуæгджын проектыл. Мæ разæвзарæнон кампанийы рæстæджы тынг арæх ныхас кодтон уый фæыл. Бирæ скептикон хъуыды байхъуыстон æмæ бирæты нæ уырныдта, цæмæй уыдзæн фадат ацы проектты реализаци. Нæ службæтæ тынг бирæ æмæ стыр куыст сыхæхст кодтой æмæ абон æвдыст у фыццаг проект -мэрия расидтис интересты бавдыст Варкетилийы æртыгкаг массивы уæвæг 30 205 квадратон метрыл зæххы хаййыл цæрæн комплексы амады нысанæй æмæ сæрмагонд сектормæ сидæм» – расидтис Тбилисы мэр.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæуæлахизгонд уæнг снысангонд проект среализ кæндзæн Тбилисы Сакребулойы бæлвырдгонд амады регуляцийы планмæ гæсгæ æмæ тыгъдадтæ адæтцæн муниципалитеттæн.
«Ацы этапыл ныхас цæуы Варкетилийы æртыгкаг массивы æхсæзæм æмæ æстæм кварталты уæвæг цыппар аварион корпусы æнæхъæнæй ныппырх æмæ ног бæстыхайы самадыл» – банысан кодта Къаладзе.