Тбилисы мэрия – 23-æм октябры мадзалмæ æрбацæуыны фæндон бирæ адæймæгты тыххæй, Тбилисы уынгты стыр змæлд у æнхъæлмæкæсинаг
Тбилисы мэрия – 23-æм октябры мадзалмæ æрбацæуыны фæндон бирæ адæймæгты тыххæй, Тбилисы уынгты стыр змæлд у æнхъæлмæкæсинаг

23-æм октябры мадзалмæ æрцæуыны фæндон бирæ адæймæгтæм гæсгæ, сæйраг сахары уынгты стыр змæлд у æнхъæлмæкæсинаг. Сидæм æмбæстæгтæм, максималонæй сæхи бауромой сæрмагонд машинæтыл змæлдæй, цæмæй змæлды рæстæджы ма æвзæрын кæной дискомфорт – уый фæдыл Тбилисы мэрийы рапарахатгонд информацийы ис фыст.
Сæйраг сахары мэрийы 23-æм октябрæй фæндагон змæлды арæнæвæрдты æмæ маршрутты фæдыл информаци парахат кæны.
«23-æм октябры, сæйраг сахары парти «Гуырдзиаг бæллиц – демокративон Гуырдзыстоны» кæронбæттæн æвзарæнон мадзал уагъд æрцæудзæн, цæй тыххæй дæр Сæрибары фæзыл æмæ Руставелийы проспектыл змæлд бынтондæр тобæгонд уыдзæн. Арæнæвæрд йæ тыхы уыдзæн 23-æм октябры 00:00 сахатæй мадзалы фæуды онг.
Мадзалмæ æрбацæуын кæй фæндыд, уыдоны нымæц бирæ кæй у, уымæ гæсгæ, сæйраг сахары уынгты стыр змæлд у æнхъæлмæкæсинаг. Сидæм æмбæстæгтæм, максималонæй сæхи бауромой сæрмагонд хæдтулгæтыл змæлдæй, цæмæй балцы рæстæджы ма сырæза дискомфорт» -ис фыст сæйраг сахары мэрийы информацийы.