Тбилисы мэрий - Метехийы №14-ы аварион хæдзары хайы ракæлыны тыххæй, бынæттон цæрджытæм тас не ртъхъирæн кæны
Тбилисы мэрийы информацийæ, Метехийы уынджы №14-ы аварион хæдзары хайы ныккæлыны тыххæй, бынæттон цæрджытæм тас не ртъхъирæн кæны.
«Авлабары Метехийы уынджы №14-ы аварион хæдзары хай знон ракалдис. Цауы фæстиуæгæн зиæнттæ ничи райста. Хæдзары хайы этапгай хæлын æртæ боны размæ райдыдта, цæуылдæр Исанийы районы гамгеоба æнæрагъæвгæйæ среагир кодта. Хæдзары аы хайы цæрæг æртæ бинонтæ æдасдзинады нысанæй рæстæгмæ цæрæн хæдзары æрцæрын кодтой. Гамгеоба сæ хæдзарæй сифтонг кæнзæн.
Бынатыл цалдæр бон у, кусынц специалисттæ æмæ хæдзары уцавæр иртасынц. Уый фæстæ уым специалон иртасæны фæстиуджытæ куы фæбæрæг уыдзысты, сæйраг сахары мэрий рахæссдзæн уынаффæ, куыд хъуамæ саразой реабилитац и хæдзары ацы хайæн æмæ куыд ацæуой алы хъæугæ куыстытæ»- дзурынц Тбилисы мэрийы.
Ацы этапыл №14-ы уагъд цæуынц ссыгъдæггæнæн куыстытæ æмæ фæндаг калд фрагменттæй сыгъдæг кæнынц. Мэрийы информацийæ, куыд сæйраг сахары мэрийы афтæ Исанийы районы гамгеобайы алы æмбæлон куыст мобилизацигонд у зæгъгæ. Бынатыл гмагеобайы кусджытæ æмæ Исанийы районы гамгебели Каха Лабучидзе уæвынц.