Тбилисы мэри пырхгонд склерозы диагноз кæмæн ис уыцы æмбæстæгтæн сфинанс кæндзæн басгæрстытæ
Тбилисы мэри пырхгонд склерозы диагноз кæмæн ис уыцы æмбæстæгтæн сфинанс кæндзæн басгæрстытæ

Тбилисы мэри «пырхгонд склерозы диагноз кæмæн ис, уыцы æмбæстæгтæн  зынаргъ  медикаментты  финансдзинады программæйы» бенефициартæн   сфинанс кæндзæн уæлæмхас   басгæрстытæ, –  уый фæдыл  сæйраг горæты мэр  Каха Каладзе  муниципалитеты хицауады  абоны рабадтыл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Тбилисы мэри  «пырхгонд склерозы диагноз кæмæн ис, уыцы æмбæстæгтæн  зынаргъ  медикаментты  финансдзинады программæйы» æххæст кæнынмæ  рывнлæдта 2020  азы.

«2022 азæй   Тбилисы  мэри   фæнысангонд программæйы бенефициартæн сæры магъзы  кæнæ-та  рагъыстæгы магъзы  магнито-резонансон  томографи  сфинанс кæндзæн.  Низы  симптомтæ 20-æй 40 аздзыд  кары   рабæрæг вæййынц  æмæ ацы кары  къорды  æнæтравмæйæ амахъомдзинад  фæцухы аххосæй  свæййы.   Мэрийы  программæйы  фæрцы,   гæнæн бауыдзæн   пырхгонд склерозæй  рынчын   уæнгтæ  ма æрхуыссой  кæнæ  сæ ма бахæъуа  каласкæ, фæлæ ма  баиу уой  æрвылбойнон активон   куыстмæ æмæ  сæхи дзыллæйы  æххæстаргъджын уæнгтæй   банкъарой», –  райхъусын кодта Каха Каладзе.