Тбилисы мэри дарддæр кæны сæйраг сахармæ 18 метрон автобусты бауадзын
Тбилисы мэри дарддæр кæны сæйраг сахармæ 18 метрон автобусты бауадзын. Тбилисы мэр, Каха Къаладзе, транспортон политикæйы ацы конкретон здæхты фæдыл информаци абон сæйраг сахары хицауады рабадтыл æхсæнадæн бавдыста.
«Ацы транспортон политикæйы фæлгæтты даргъ кæны ног, 18 метрон автобусты æрбаконд, кæцытæ ахиздзысты уыцы къæлидортыл, кæцытæ плангонд сты æппæтдунеон иртасæнтæм гæсгæ æмæ бæрæггонд бæлццæтты змæлды æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ. Абоны уавæрмæ гæсгæ, автобусты паркы сконд у æнæпрецедентон æмæ ахсы 1935 иуæг, афтæмæй зынгæ фæхуыздæр ис æхсæнадон транспорты æнцонвадатдзинад. Ам уын зæрдыл лæууын кæндзыстæм, цæмæй уыдонæй алкæцы дæр дзуапп дæтты Евро 6 æппæрст стандартæн, кæцы тынг нысаниуæгджын у экологийы æрдгæй. Хорз хъуыды кæнын, 2017-æм азы, Тбилисы цæрджыты фылдæр хай махæн куы схъæлæс кодта, цахæм уыд нæ уавæр æхсæнадон транспорты æрдгæй, цавæр автобустæ æмæ маршруткæтæ цыдысты сæйраг сахары æмæ цас бæрцæй. Абон нæм ныридæгæн радикалонæй æндæр уавæр ис æмæ ацы æрдæм куыст дарддæр кæны. Нæ сæйраг хæс у, цæмæй æхсæнадон транспорт ноджы комфортондæр æмæ æнцондæр уа», – расидтис Каха Къаладзе.