Тбилисы минæвæртты конференци абон байгом уыдзæн
17-20 декабры, Тбилисы сырæздзæн фæсарæны Гуырдзыстоны дипломативон бæрноныды æмæ консулон уагдæтты къухдариуджыты алыазон фембæлд «Минæвæртты конференци 2019 -Гуырдзыстон -Евросоветы сæрдар бæстæ. Иумæйаг аргъдзинæдты барты æмæ сæрибардзинад».
Конференцийы Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалиани бакæндзæн. Хайадисджытæм ныхасæй басиддзысты Гуырдзыстоны премьер -министр Гиоргий Гахария æмæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Арчил талакъвадзе.
Конференцийыл саргъ кæндзысты æттаг политикайы æнтыстдзинæдтæ 2019-æм азы, æттаг хъуыдтæгты министрады куыст æмæ бакæсдзысты фидæн плæнттæ æмæ инициативатæ.
Минитсрады инофрмацимæ гæсгæ, каст уыдзысты фарстаты уæрæх спектр, кæцы йæ зæрдыл дары æппæтдунеон политикайы глобалон æмæ регионалон расидæнтæ.