Тбилисы метрополитен, абонæй кусдзæн 06:00 сахатæй 23:00 сахаты онг
Абонæй фæстæмæ Тбилисы метрополитен 06:00 сахатæй 23:00 сахаты онг кусдзæн. Тбилисы транспортон компанийы минæвары Тамаз Робакидзейы фидиуæнæй, метройы элеткротелты æрдгæй уæззау уавæр ис æмæ телты раивын у æнæмæнгхъæугæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм масштабон проект Тбилисы Метройы нырма никуы сыххæст.
«2019 азы фыццаг июлæй, 2020 азы фыццаг июлы онг Тбилисы метро кусдзæн 06:00 сахатæй 23:00 сахаты онг. Фæнысангонд проект у иттæг масштабон æмæ тынг нысаниуæгджын у, Тбилисы метройы æдасдзинадæн. Проекты фæлгæтты ивд æрцæудзæн 650 км электротелтæ, афтæдæр æнæхъæнæй раивдзысты вентилляцион системæ. Ахæм проект Тбилисы метрополитены никуы сыххæст ис»,- райхъусын кодта Тамаз Робакидзе.
Метрополитены ног ранывæзтмæ гæсгæ фидитуæн, Тбилисы мэр Каха Каладзе 5 майы, сæйраг сахары хицауады рабадтыл сарызта.