Тбилисы метройы реабилитаци æмæ ног вагонты балхæдæн 75 милуан евройы бæрц кредит рахицæн ис
Тбилисы метройы реабилитаци æмæ ног вагонты балхæдæн 75 милуан евройы бæрц кредит рахицæн ис

Тбилисы метройы реабилитаци æмæ ног вагонты балхæдæн 75 милуан евройы бæрц кредит рахицæн ис

 

«EBRD» цъæх климаты фонд Гуырдызстонæн 75 милуан евро кредит рахицæн кодта.

Европайы реконструкцийы æмæ размæцыды банкъы прессрелизы ис фыст, кредит Тбилисы метройы реабилитаци æмæ ног вагонты æлхæдæн у хицæнгонд.

Гуырдызстонæн рахицæнгонд æхца горæт Тбилисæн хæсы хуызæй уыдзæн лæвæрд. Тбилисы транспортон компанийы æмæ бахардз уыдзæн 40 вагоны æлхæдыл.

Тбилисы мэр Каха Къаладзейы фидиуæнмæ гæсгæ, Европайы реконструкци æмæ размæцыды банк бирæ азты дæргъы фарсылхæцындзинад æвдисы  Тбилисы муниципалон транспорты размæцыдæн.

« Тынг райгонд стæм, цæмæй Ковид 19  пандемийы уæззау рæстæджы , банкъы фарсылхæцындзинад Гуырдызстонæн кæй даргъ кæны. Бузныг сидæм  банкъы бæрнонтæн Гуырдызстоны æмæ цæттæ стæм адаргъ кæнæм æмкуыстдзинад фидæны дæр» -банысан кодта Тбилисы мэр.

Компанийы регионалон сæрдар Катарина Биорлин Хансен сиды, цæмæй ацы кризисы рæстæджы адаргъ кæндзæн бæстæты æмæ сæ фарсмæ лæууы цæитæ у нысаниуæгджын æххуысæн