Тбилисы мериа сакребуломæ миллиард 50 милуан ларийы бæрц бюджеты проект бавдисдзæн
Сæйраг горæты мериа Тбилисы муниципалитеты 2021 азы бюджеты проектыл кусын фæцис. Нырид бæрæг у специалон трансферы бæрц дæр, кæцыйы муниципалитет централон хицауадæй райсдзæн, – уый фæдыл Тбилисы хицауады рабадтыл сæйраг горæты мер Каха Каладзе банысан кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æмтгæй райсгæйæ ацы суммæ 225 милуан лари у. Уымæ гæсгæйæ, Тбилисы мериа сакребуломæ миллиард 50 милуан ларийы бæрц бюджеты проект бавдисдзæн.
Сæйраг горæты мер бахахх кодта æнæнизхъахъъæды æмæ социалон программæйы хай бюджеты.
«Бюджеты æртыккæгæм хай 33 процент уыдзæн социалон æмæ æнæнизхъахъъæды программæтæ сфинанс кæнынæн. Уый у 350 млн ларийæ фылдæр. Ай бæрц суммæ никуы уыдис рахицæнгонд ацы æрдæмадтæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нысаниуæгджын у, цæмæй ацы программæтæ баххуыс уыдзысты растдæр уыцы бинонтæн, кæцытæн сегасдæр фылдæр хъæуы æххуыс. Ацы æрдæмадтæй бюджет раззаг азимæ абаргæйæ 21 милуан ларийæ рæзы», – банысан кодта Каладзе.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, 350 милуан лари бахардз уыдзæн инфраструктурæ фæхуыздæр кæныны æрдæм.