Тбилисы, Мцхета æмæ Руставы доныл фæлхасадон тарифтæ æнæивгæ баззадысты, фæбæрзонддæр ис æнæцардуагон тариф
Æнæххæстбар æхсæнад «Джорджиан Уотер энд Пауэрмæ» донæввонгы ног планон тарифтæ сбæлвыд сты, æнæивгæ баззадысты цардуагон тарифтæ, куыд æнæнымайæг (бинонты нымцмæ гæсгæ фидинаг), афтæма нымайæгтæ кæм сарызтой абоненттæн уым – уый фæдыл уынаффæ ГЭДНРК-ы абоны рабадтыл райхъусын кодтой.
ГЭДНРК-ы хъусинагæй, донæввонгы компанийæн фидаргонд тарифтæ сæ тыхы баззайдзысты 2024 азы фыццаг янваæй 2026 азы31 декабрмæ.
«ÆÆ «Джорджиан Уотер энд Пауэры» æмæ ÆÆ «Рустаы доны» баи кæныны фæстиуæгæн «Джорджиан Уотер энд Пауэры» лицензимæ бацæуæг ивддзинадмæ æмбæлгæйæ, ГЭДНРК-ы бæрæг тарифтæ ахæлиц уыдзысты Тбилис, цхета æмæ Руставы абоненттыл. Сбæрзонддæр сты «Джорджиан Уотер энд Пауэры» донæввонгы æнæцадруагон тарифтæ. ГЭДНРК-ы уынаффæмæ гæсгæйæ, Тбилис æмæ Мцхетайы ног æнæцардуагон тариф сбæрæг ис 8.807 лари/кубон метрæн. Æрмæст Руставы – 6.500 лари/кубон метрæн. Донæввонгы компанийæн бæрæг тарифтæ уыдзысты 2024 азы фыццаг январæй 2026 азы 31-æм декабр хынцгæйæ.
Донæввонгы тарифты ивд расайдта Тбилисы, Мцхетайы æмæ Руставы донæввонгы амортизацигонд инфраструктурæйы реабилитаци – раивыны æнæмæнгхъæуындзинадæй», – дзырдæуы ГЭДНРК-ы ахæлиугонд информацийы.