Паддзахадон церемониты галуаны 2024 азы Тбилисы цытджын æмбæстæгты схорзæхджын кодтой.
Уыдонæй алкæмæн дæр лæвæрд æрцыд Тбилисы символикон дæгъæл æмæ акт.
Ацы аз Тбилисы кадджын æмбæстагæй хорзæхджын æрцыдысты ахæмтæ: Къахабришвили Зураб (дохтыр, профессор, æхсæнадæмон категорийы тæрхонгæнæг, Гуырдзыстоны националон олимпион къорды командæты сæйраг дохтыр); Киладзе Мераб (дохтыр; профессор); Гиорги Чумбуридзе (регбийы Гуырдзыстоны иугонд командæйы дохтыр, сæйраг дохтыр); Базерашвили Димитр (дохтыр, профессор); Гизо Габескирия (режиссер); Гванджи Маня (географ, журналист, ахуыргонд, Тбилисы бæрæгбон сфидар кæныны инициатортæй иу); Сонгъулашвили Бидзина (инженер); Нателæ Васадзе (филолог, профессор); Фарчукидзе Гела (дирижер); Нели Саладзе (спортсмен, тренер); Мзиа Афридонидзе (музыкант, нывгæнæг); Батиашвили Гурам (фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг); Каха Коридзе (архитектор, актер); Гоги Маргвелашвили (режиссер); Тамаз Годерджишвили (фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг); Кобиашвили Нели (журналист, публицист); Гиви Сихарулидзе (актер, фыссæг, кафæг, спортсмен); Цухишвили Вахтанг (архитектор); Зураб Кипшидзе (актер); Каландадзе Гурам (геолог); Нелли Берая (актрисæ æмæ нывгæнæг); Тенгиз Гачечиладзе (педагог, журналист); Теймураз Лежава (биологон наукæты доктор, æххæстбарджын профессор, Гуырдзыстоны Генетикæйы институты бындурæвæрæг); Тавадзе Олесия (нывгæнæг); Вили Саньоли (футболист, Гуырдзыстоны иугонд командæйы тренер).
Тбилисы мэр, Каха Къаладзе, хорзæх раттыны церемонийыл æрæмбырдуæвæг æхсæнадæн раныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй Тбилис у зынгæ адæймæгтæй саивгонд.
«Тбилис æвæрццаг адæймæгтæй рæсугъд кæнынц. Фыццаджы дæр мæ зæрдиагæй бузныг зæгъын сымахæн алкæмæн дæр, кæцытæ уæ æнтыстытæй æмæ æрвылбойнон куыстæй, Тбилисы размæцыдæн ахъаз кæнут. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бон нæ бауыдаит алкæмæн Тбилисы кадджын æмбæстагы статус раттын, райсут нæ зæрдиаг кад æмæ бузныгдзинад», – расидтис Къаладзе.