Тбилисы электроэнергийы фæзынаргъгонд тариф йæ тыхы бахиздзæн фыццаг январæй
Сæйраг горæты цæрджытæн æмæ коммерцион секторæн электроэнергийы фæзынаргъгонд тариф фыццаг январæй бахиздзæн йæ тыхы æмæ электроэнергийы райуæрсты тариф йæ тыхы удызæн 2025 азы кæронмæ. Энергетикæ æмæ донæввонгы регулиргæнæг националон комиссийы уæнгтæ, æмхъæлæсонæй сразы сты уагæвæрды проектимæ.
ГЭРНК-ы уынаффæйæ, цардуагон тариф фæзынаргъ уыдзæн 3.5 тетрийæ.
«Теласы» фæлхасадон тарифтæ фæлхасгæнджытæн уыдзысты ахæм:
Фыццаг къæпхæн (101 квт.схт хынцгæйæ) – архайæг тариф 14.544 тетри – ног тариф 18.041 тетри.
Дыккаг къæпхæн (101-301 квт.схт) архайæг тариф 18.556 тетри – ног тариф 22.053 тетри;
Æртыккаг къæпхæн(301 квт.схт-æй фылдæр) – архайæг тариф 23.040 тетри – ног тариф 26.537 тетри.
Цæрджытимæ иумæ, электроэнергийы тариф фæзынаргъ уыдзæн коммерцион секторæн дæр. Уыдонæн тарифтæ æввахсæй-æввахсмæ 11 тетрийæ фæфылдæр уыдзысты.