Тбилисы «Исузуйы» типы 60 ног муниципалон автобустæ змæлдзысты
Тбилисы «Исузуйы» типы 60 ног муниципалон автобустæ змæлдзысты

Тбилисы «Исузуйы» типы 60 ног муниципалон автобустæ змæлдзысты

Тбилисы, «Исузуйы» аст метрон, дизелыл кусæг «Евро 6» стандарты автобустæ змæлдзæн.

Сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе автобустæ абон Европайы фæзыуатыл бавдыста.

Презентацийы Тбилисы транспортон компанийы «Джи-Ти-Груп» æмæ «Исузуйы» амалиуæгæнæг туркаг комапни «Анадолу групы» бæрнонтæ дæр истой хайад.

Тбилисы мэрийы инофрмацимæ гæсгæ, сæйраг сахары ацы рæстæгмæ 60 автобус æрбацыд, иннæ хай та этапонæй азы кæронмæ æрбахиздзæн. Æнæхъæнæй аргъ 64 790 000 лари у.