Тбилисы горæты тæрхондоны барадхъахъхъæнджытæ æмæ кинологтæ рæмудзæн гарзæг агурынц
Тбилисы горæты тæрхондоны кинологтæ кусынц. Бæстыхайы алыварс территоримæ никæй уадзынц. Горæты тæрхондоны абонмæ плангонд алы процесс æргъæвд уыд.
Уый æфсонæй бавдыстæуыд анонимон телефонон дзырд, кæцымæ гæсгæ дæр бæстыхайы æнхъæлцау уыдис рæмудзæн гарзæг.
«Æрбацыдтæн, хъуамæ мын уыдаит тæрхоны процесс, фæлæ мын хагътой цæмæй уæлрадон уавæр ис. Абонмæ плангонд процесстæ иууылдæр сты æргъæвд, æхгæд дам у. Аххосы тыххæй куы бацымидис кодтон, уæд мын загътой, цæмæй анонимон хъусинаг уыд, цæмæй бæстыхайы уыдис бомбæ, кинологтæ кусынц æмæ уый тыххæй алы процесс у æргъæвд» – райхъусын кодта адвокат Гиорги Беруашвили.
Аналогион уавæр ис Гуры, Зугдиды æмæ Кутаисы тæрхондæтты.