Тбилисы  фыццаг августæй  райдаы  таксыты регистраци
Тбилисы фыццаг августæй райдаы таксыты регистраци

Тбилисы  фыццаг августæй  райдаы  таксыты регистраци.

Сæйраг сахары мэрийы  информацийæ   таксæй  лæккады  барлæвæрд райсын йæ бон у  физикъон гоймагæн, кæцымæ ис  автомобиль тæрыны бары æвдисæнгæххæт  æмæ йæ  фæнды  бæлццæтты ласын  мызд исгæйæ,  автостранпортон  фæрæзæй  кæцыйы,  тæрæгы  бынатæй  уæлдай, хъуамæ уа  максимум 8  æрбадæн бынат.  Барлæвæрды  райсынæн   æнæмæнгхъæуæг у электронон   куырдиат баххæст кæнын  веб-фарсыл : www.taxi.tbilisi.gov.ge

Барлæвæрд адæттын бынтон  сæрибар у  фидинагæй.

Барлæвæрды æвдисæнгæххæтты,  кæцыйы  шофыр райсдзæн электргононæй,   йæ мидæг ис ахæм бæрæггæнæнтæ:

Шофыры  къам;

Шофыры  номы æмæ мыггаг;

Барлæвæрды номыр№

Барлæвæрды райсты  датæ æмæ йæ архайды  æмгъуыдтæ;

Транспортон фæрæзы  паддзахадон номыр;

Транспортон фæрæзы  маркъæ æмæ модель;

Цырд  реагирдзинады къод (QR къод).

Барлæвæрды хицау, барлæвæрды архайды  æмгъуыды  дæргъы   хæсджын у:

  1. электрононæй райст  барлæвæрд  смыхуыр кæна  А5 форматы  гæххæттыл  æмæ   йæ равæра  транспортон  фæрæзы зынгæ  ран афтæ,  æмæ  гæнæн уа  йæ  бакæсын  æмæ   басгарын  бæлццон æмæ   кантролгæнæгæн;
  2. Лæккад кæна æрмæстдæр барлæвæрды бавдыст  рог  автотранспортæй;
  3. Лæккады рæстæджы транспортон фæрæзы сæры астæуран  сфидар кæна таксы  амонæн  бурхуыз  рухсджын нысан;
  4. Транспортон фæрæзы хъахъъхæна  санитарон-гигиенон  нормæтæ;
  5. Ма аласа автотранспорты мидæг, бынæттæй  уæлдай бæлццæтты;
  6. Ма бауадза бæлццæты сбадын рахизын таксы  галиу æрдгæй  дуарæй;
  7. Бæлццонимæ æнæбадзургæйæ ма  аласа æндæр бæлццоны;
  8. Таксы салоны кæнæ багажы æвæрæны баззайгæ  дзаумайы  ратта  сæфт  дзаумæтты  бюромæ кæнæ æмбæлон районы  полицимæ;

9.Баххуыс кæна  кантрол æххæстгæнæг  угоймагæн йæ куысты.

Кантролгæнæг  уагдон барджын у,  афæдзы  дæргъы  кæцыфæнды рæстæг æмæ  æнарæн хатты  сæххæст кæна  кантрол.  Барлæвæрды  домæнты  хæлд, æфхæрд æрцæудзæн  администрацион иварæй  кæнæ та барлæвæрды  аскъуыдæй.