Тбилисы дыууæ килограмм ядерон æрмæг, ураны æнæзакононæй балхæныны тыххæй æртæ Китайы æмбæстагæн ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой
Тбилисы горæтон тæрхондон профилактикон мадзалæй ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста, кæцытæ æнæзакононæй дыууæ килограмм ядерон æрмæг, уран балхæныны тыххæй ахст æрцыдысты.
Ахст адæм сæхи аххосджыныл нæ банымадтой. Сæ адвокаттæ æрдомдтой сæ ссæрибар кæнын æфсонæй, кæцы сын нæ радтой.
Прокуратурæйы информацийæ, Тбилисы криминалон къорды уæнгтæ 400 000 АИШ долларæй радиоактивон æрмæг æнæзакононæй балхæнын æмæ уый фæстæ Уæрæсейы Федерацийы территорийыл Китаймæ æнæзакононæй ласын план кодтой.
Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 230 статьяйы 1-æм хаймæ гæсгæ, кæцы 10 азы онг ахæстоны фæбадыны бар дары йæ зæрдыл.