Тбилисы  цытджын æмбæстагы  ном  лæвæрд æрцыд 15  адæймагмæ
Тбилисы цытджын æмбæстагы ном лæвæрд æрцыд 15 адæймагмæ

«Тбилисоба 2018»  Реваз  Лагъидзейы  сфæлдыстады нывонд   Гала-Концертæй æмæ Тбилисы  цытджын   æмбæстæгты  хорзæхджын кæныны  церемонийæ  фæцис.  Бæрæгбонон   мадзал   ацыд Фыццаг РЕспубликæйы  фæзыл.

Сæйраг сахары мэр Каха Каладзе, мадзалыл æрымбырдуæвæг   уазджытæн  Тбилисобайы  бæрæгбон ноджы иу  хатт раарфæ кодта  æмæ традиционæй, цытджын тбилисæгты схорзæхджын кодта.

Цытджын тбилисагы  ном, ацы  аз райстой  æндæр æмæ æндæр сферæйы  архайæг   15 адæймаг.  АДон сты:  Филолог æмæ режиссер Лана Гъогъоберидзе,  космикон объекты  конструктор  Элгуджа  Медзмариашвили, джаз-музыкант Гиули Чохели,  кафаг   æмæ  хореграф  Тенгиз  Утмелидзе,  автоинженер   Гайоз Канделаки,  архитектурæй   иртасаг Майя  Маниа,   онколог Константине  Мардалеишвили, геолог Нодар Церцвадзе,  дохтыр  Владимер  Кахадзе, поэт Темур Чалабашвили,  Израилы   сæрмагонд æмæ æххæстбарджын   минæвар  Гуырдзыстоны Шабтай Цур,   зарæггæнæг Кэти Мелуа,  кафаг  æмæ  балетмейстер  Михаил   Барашников, дирижер Вахтанг Къахидзе,  композитор  æмæ пианист  Николоз  Рачъвели.

Бæрæгбонон мадзалыл  Каха Каладзе  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   цытджын тбилисагы ном  лæвæрд цæуы  уыцы адæмæгтæн,  кæцытæ сæрмагондæй  сгуыхт сты  сæйраг  сахары æмæ Гуырдзыстоны  раз.