Тбилисы Цыппурсон Алило фæцис Самебайы кафедралон аргъуаны. Цыппурсы бæрæгбонмæ гæсгæ цыд «Уардиты фæзæй» райдыдта.
Театрализгонд цыды хайадисджытæ æрзылдысты Руставелийы проспектыл, Сæрибары фæзы æмæ Бараташвилийы уынгтыл. Алилойы хайадисджытæн, Руставелийы проеспектыл парламенты бæстыхайы цур, сæ размæ рацыдысты парламенты сæрдар æмæ депутаттæ. Афтæдæр цыды хайадисджытæн лæвæрттæ адæттой сæйраг сахары мер æмæ сакребулойы сæрдар. Адджинæгтæ сын фæндаг-фæндаг дæттой хуымæтæг цæрджытæ дæр.
Алилойы цыды хайадисджыты хай, араст ис Патриархийы æрдæм æмæ Цыппурсы æрттивгæ бæрæгбон раарфæ кодтой Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагæн. Алилойы хайадисджытæ уый фæстæ бацыдысты президенты администрацимæ, кæцы ран сын сфысым кодтой Гиорги Маргвелашвили æмæ президенты администрацийы кусджытæ.
Алилойыл цы адджинаг æмæ лæвæрттæ æрымбырд кодтой, уыдон 8 январы равзардзысты æмæ сæ байуардзысты сывæллæтты хæдзæрттæн, асджынты пансионаттæн æмæ æфхæрдæххæстгæнæн уагдæттæн.
Алилойы традици Гуырдзыстоны йæ радиан исы V-VI æнустæй, æмæ йæ банысан кæнын фæстаг цалдæр аз у цы сног ис.