Тбилисы цыппар рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты райуæрстой 11 æндæр рæвдауæндонмæ
Тбилисы N19, N84, N125 æмæ N64-æм рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты райуæрстой 11 æндæр рвæдауæндонмæ.
Рæвдауæндæтты фæткдар агентады информацийæ, аварион уавæры тыххæй, æхкæд 4 рвдауæндонæй хъомылгæнинæгты райуæрсты процесс, зæгъæн ис фæцæис æмæ райсомæй ахуыры процесс æнæкуылымпыйæ сног уыдзæн.
Сæрмагондæй та 19-æм рæвдауæндоны сабиты райуæрстой N40, N23, N39-æм уæзхъус сывæллæтты рæвдауæнтæттæм. 125-æм рæвдауæндонæй сывæллæтты арвыстой N84-34, N69, N98 æмæ N94 рæвдауæндæттæм, N84 рæвдауæндоны сывæллæттæ ахызтысты N31, N56, N143-мæ, æрмæст N64-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ та райсомæй цæудзысты 10-æм рæвдауæндонмæ.
Агентады хъусинагæй, фæнысангод цыппар рæвдауæндоны алы къорд дæр æнæивгæ уыдзæн æмæ нæдæр хъомылгæнинæгтæ æрцæудзысты ивд. Афтæдæр зæрдылдард уыдзæн ныййарджыты фæнд, кæд сæ æрфæнддзæн сæрмагонд хъæбулы æндæр рæвдауæндонмæ акæнын уæд.
Тбиисы N19, N84 æмæ N125-æм рæвдауæндæтты куыст урæд æрцыд 25 январы Леван Самхараулийы номыл экспертизæйы националон бюройы хатдзæгы бындурыл. Уый æфсонæй та ссис бæстыхæйтты цы текхникон уавæры сты уый. 26 январы ахуыры процесс номыр 64-æм рæвдауæндоны дæр æрцыд урæд.