Тбилисы мэр Каха Къаладзе бур автобусты æнæхъæнæй баивды фæдыл фæныхас кодта. Йæ расидæнмæ гæсгæ, бур автобустæ стыр дискомфорт хæссынц æмбæмстæгтæн æмæ тынг чъизи кæнынц уæлдæф. Къаладзейы информацимæ гæсгæ, Стыр Дигъомы 4-æм микрорайонæй уæллаг корпусмæ ног маршрут кусдзæн. «Уыдзæн æфдыд ног 54 æм номыр маршрут, кæцы пасссжирты уæллаг корпусы æрдæм, давид Агъмашенебелийы цыпртæй, Гелованы уынгыл æмæ Важа-Пшавелайы уылты змæлдзæн» – банысан кодта Къаладзе.
«Афтæ дæр хъæу Ахалдабайы цæрджытæн транспортон лæггад фæхуыздæр уыдзæн, уыдзæн æфтыд ноджы иу автобус 82 æм номыр. Афтæ дæр байгом уыдзæн ног маршрут 64 æм номыр, кæцы Симон Чикованийы æмæ Хилианийы æмæ уыдонмæ æввахс уæвæг територтыл цæрджытæн баллæгад кæендзæн» -банысан кодта Тбилисы мэр Каха Къаладзе.