Тбилисы Сакребулойы рабадтыл сæйраг горæт бюджетмæ бахæссинаг ивддзинæдтæ сфидар кодтой æмхъæлæсонæй. 31 сразы ис, æмæ ныхмæ та иу дæр не схъæлæс кодта.
Тбилисы бюджет 217 милуан ларийæ райрæзтис æмæ æмтгæй райсгæйæ иу миллиард 239 милуан ларимæ аххæссыд.
Сакребулойы фылдæрты уæнгты дзырдæй, зæгъгæ бюджеты стыр хай, бурхуыз автобусты раивыныл æмæ автопаркы ранæуæгыл бахардз уыдзæн.
Уымæй уæлдай ма банысан ис, цæмæй сæйраг горæты бюджетмæ бахæсгæ ивдтыты бындурыл, Тбилисы муниципалитеты культурон-ахуыргæнæндæтты кусджыты мыздтæ фæуæлдайдæр уыдзæн.
Сакребулорйы рабадтыл хицаугæнæг баны уæнгтæ, Тбилисы раздæры мэры Гиги Угулавайы æрцахсты факты кой ракодтой æмæ оппозицимæ æрсидтысты, Угулава цы суммæтæ ныппаплой кодта, уыдоны æрыздахыныл ахъуыды кæной.
Сакребулойы абоны рабадтыл оппозици нæ уыд. «Националон Змæлд» æмæ «Европаг Гуырдзыстон» ацы афонмæ сты бойкоты режимы.