Тбилисы автобусты хызы сногы проекттæн Евроцæдис 500 мин евро грант рахицæн кæндзæн
Тбилисы автобусты хызы сногы проекттæн Евроцæдис 500 мин евро грант рахицæн кæндзæн
Тбилисы мэрия Европайы реконструкци æмæ размæцыды банкъимæ докумнтыл йæ къух æрфыста, кæцы Евроцæдисæй 500 мин евройы рахицæн дары йæ зæрдыл. Тендеры уæлахизгонд францаг компани «Систра» автобусты хызы реконструкцийы деталон палн бацæттæ кæндзæн.
«Ситра» иртастыл бындурæвæрд бирæкомпонентон программæ бацæттæ кæндзæн, кæцы сæйраг сахары æхсæнадон транспорты размæйцыды иуæй иу сæйраг документ уыдзæн.
Документ хъуамæ бацæттæ уа 15 мæйы мидæг. Ацы рæстæгмæ Тбилисы 101 маршрутæн 530 автобус лæггад кæны. Мэрия цыппар азы мидæг 700 ног автобусы балхæд план кæны, уыдонæй 100 сæйраг сахармæ азы кæронмæ уыдзæн æргъæвд.
Проекты аргъ 800 мин евро у, кæцыйæ 500 мин Евроцæдис æмæ 300 мин Тбилисы мэрия финансир кæны.